Абонæй Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл цæудзæн сериал  «Сеанс»
Абонæй Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл цæудзæн сериал «Сеанс»

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл  абонæй, цæудзæн   сериал  «Сеанс»  кæцы у  «НВО»-ы  «In Treatment»-ы  гуырдзиаг аналог.  Прецедент  цæмæн нæй  ахæм масштабон   проекты, Уацхæссæг  æххæст кæны  «NOVA продакшен»-имæ иумæ.

«Сеанс»  у  психологион драмма æмæ  сериалы  сæйраг сюжет арызт у  психотерапевты  æмæ  йæ  пациентты  ахастыты  фæдыл.   Депресси, аиртæст, фæхицæн, –  адон уыцы  проблемæтæ  сты, кæцытæй  тыхсынц   психологион драмма  «сеансы»   хъайтартæ.

«Сеансы» фыццаг  сезон  45  серийæ  уыдзæн  æмæ йыл фæкуыста  режиссер  Тинатин Гурчиани.  Сериалы  сæйраг ролтæ æххæст кæнынц:  Резо Чхвиквишвили, Нино Касрадзе, Наталиа  Хъулошвили, Паата  Инаури, Саломэ  Топуриа, Като Калатозишвили, Гиорги Шарвашидзе, Иа Сухиташвили  æмæ Михеил Гомиашвили.

«Сеанс» эфиры цæудзæн æрвылбон, сабат æмæ хуыцаубонæй цух, 22:00 сахатыл.