Абонæй, дыууæ мæйы дæргъы, бæстæйы масштабæй  цæудзæн интенсивон басгæрсты программæ, боны мидæг 20 мин тест сырæздзæн
Абонæй, дыууæ мæйы дæргъы, бæстæйы масштабæй цæудзæн интенсивон басгæрсты программæ, боны мидæг 20 мин тест сырæздзæн

Æхсæнуагдонон координацион советы  дыууæ мæййон планы фæлгæтты,  абонæй, дыууæ мæйы  дæргъы,  фыццаг февралы  онг периоды,  бæстæйы масштабæй  архайдзæн  интенсивон  басгæрсты программæ, – уый фæдыл æхсæнуагдонон   координацион советимæ архайæг  оперативон  штабы  хистæры хæдивæг  Бердиа Сичъинава, советы рабадты  фæстæ хицауады  администрацийы   лæвæрд брифингыл   райхъусын кодта.

Афтæма  йæ  ныхзæстæм гæсгæ,  зæгъгæ паддзахад  иу  боны мидæг  20 мины онг тест  сараздзæн, кæцымæ  афтæдæр бамхас уыдзæн  хицæн лабораториты æмæ клиникæты   уагъд тесттæ.

«Сæрмагондæй  уæрæхдæр кæны  антигеныл  æнцойæвæрд  цырд тесттæй  архайын, кæцыйы  дзуапп райсын  гæнæн уыдзæн  басгæрстæй  20 минутмæ.  Фæнысангондæн йæ нысан у  инфицирады  цауты  цырд рабæрæг кæнын, кæцы йæ  хуъыдыйы  дары рог æмæ  къаддæр уæззау цауты хиизоляцимæ ахизын,   хъусдардхъæугæ  цауты ковид-фысымуаттæм  арвитын æмæ критикон цауты  госпитализаци.  Ацы нысанæн, дыууæ  мæйы  дæргъы  æрцæудзæн  алы  æмбæлгæ уагдоны  баиу æмæ   тесттæй басгæрсты ауæрæх кæнын, цауты  максималонæй рабæрæг кæныны æмæ  фæрынчынуæвджыты  изоляцийы нысанæн», – райхъусын кодта Сичъинава.