Абонæй  Ачъарайы  ахуыры процесс  скъолайы,  кълассты  адарддæр уыдзæн
Абонæй Ачъарайы ахуыры процесс скъолайы, кълассты адарддæр уыдзæн

Ачъарайы  ахуыры процесс абон 228  æхсæнадон  æмæ 24  хицæн скъолайы   сног ис.  Иунæг скъола, кæцыйы дæр ахуыры  сног æргъæвд æрцыд  дыууæ  къуырийæ, у Шуахевы  хъæу Цинаретийы  скъола.  Ачъарайы   ахуырады  министр Майя  Хаджишвили куыд фехъусын кодта афтæмæй,   развæлгъау тестæй басгæрсты фæстиуæгæн  ацы скъолайы æртæ педагогмæ  сбæрæг ис  коронавирус.

Министры  ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ Ачъарайы  алы  скъола   цæттæ  у, цæмæй   ахуыры  процесс æдас уавæрты  цæуа.  Афтæма йæ ныхæстæм  гæсгæ,  фыццаг бон скъолатæ  байдзаг сты.

Батумы масштабæй,  онлайн режимы  ахуыр адарддæр кæнынæн   æртæ мины  онг   ахуырдзау  ацыд  регистраци.