Абон Гуырдзыстон æмбырдгонд фæбыцæу уыдзæн Андорæимæ | Нациты  Лигæ
Абон Гуырдзыстон æмбырдгонд фæбыцæу уыдзæн Андорæимæ | Нациты Лигæ

«Нациты Лигæйы»  фæндзæм туры  фембæлды Гуырдзыстоны æмбырдгонд  фæуазæг уыдзæн Андорæмæ.  Фембæлд абон  Тбилисы рæстæгæй  23:45 минуты райдайдзæн.  Матчы  комкоммæ  репортажы  равдисдзæн Фыццаг Къанал.

Æмбырдгæндты фыццаг  быцæуæмбæлд  13 октябры  Тбилисы  сырæзт æмæ  уæд Гуырдзыстон рамбылдта  хыгъдæй  3:0 (Хъазаишвили – 33, 84; Къанкъава -90+4).

Зæрдылбадаринаг  у  уый  æмæ Гуырдзыстон æмгъуыдагъоммæ бацахста  къорды мидæг фыццаг бынат. ÆНæкæсгæ уымæ, Гуырдзыстоны æмбырдгонды  сæйраг тренер æмæ   хъазджытæ  дæр  æмхъæлæсонæй  хъусын кæнынц, цæмæй  баззайгæ  матчыты   рамбулын æмæ къордæй  сæдæпроцентон  фæстиуæгæй  ахизын  хъавынц.

Алцыппæт уый ты   нысаниуæгджын у  уый тыххæй  цæмæй  Нациты Лигæйы  æрдæгфиналмæ ахизæг   цыппар балы, кæрæдзиимæ  ахъаздзысты   рейтингы  æмæ баллтæм гæсгæ.  Къордты уæлахизгондтæ  кæрæдзимæ  афтæ  фембæлдзысты – рейтингæй  фыццаг  фембæлдзæн цыппæрæмимæ,  дыккаг та  æртыккагимæ.  Ацы æрдгæй  Гуырдзыстонæн ис  баллты  хорх фæстауæрц. Гуырдзыстоны æмбырдгонд у иунæг  æмбырдгонд, кæцы æмгъуыдагъоммæ  райста плейй-офы хъазыны бар æмæ  къорды  уæлахизгонд у.  Финалон фембæлды  фысым фæбæрæг уыдзæн  халæппæрсты фæстиуæгæн.

Æндæр къордты  уавæр  æндыгъд у æмæ уæлахизгондтæ  фæбæрæг уыдзысты  фæстаг туры.  Дыккаг къорды  9 баллимæ, лидкеро  у Люксембург, æрмæс Белорусмæ та  ис  8 баллы. Æртыккаг  къорды  фыццаг бынатыл ис   Къосово (9 Баллы) дыккаг бынатыл 6 баллæй  Азербайджан лæууы.  Æндыгъд уавæр ис  D дивизионы   цыппæрæм  къорды, цы ран плейоффмæ ахизыны   шанс, иурæстæгонæй  æртæ  балмæ ис –  Македони (9), Гибралтар (6) æмæ Сомихыстон (6).

Нациты  Лигæйы  финалы   халæппæрст  2018 азы  3  декабры  сырæздзæн.