Абхазы  оккупацион  режим  арæн скодта  Ингуры хидыл  дыууæрдæм змæлд
Абхазы оккупацион режим арæн скодта Ингуры хидыл дыууæрдæм змæлд

Абхазы  оккупацион  режим   Ингуры хидыл  змæлд  хайгай  баурæдта.  Ахизын æрмæст  уыдонæн у  сæ бон,  кæцытæ оккупацигонд Абхазæй,   уазæгуат уыдысты  Самегрелойы.  Сæ ныхæстæм гæсгæ, а.х.  контролон-ацæуæн  пунктыл  рад лæууы.

А.х.  арæнхъахъхъæнджытæ  фæстæмæ аздæхтой  бразилиаг туристты дæр,  кæцытæн загътой,  цæмæй  зæгъгæ коронавирусы  тыххæй  архайы  карантин  æмæ  сæ  Абхазмæ  нæ бауадздзысты.

Оккупацигонд  Абхазæй   рацæугæтæ архайынц, фæстæмæ аздæхын  17:00  сахатмæ, уымæн æмæ  нæ цух кæнынц, цæмæй  гæнæн ис  дыууæрдæм змæлд  ацы  рæстæджы фæстæ  бынтон æхгæд æрцæуа.

Знон  бæрæг ссис,  цæмæй,  коронавирусы тыхæй,  оккупацигонд  Абхазы территоримæ, Уæрæсейæ уæлдай,  кæцыфæнды бæстæйы  æмбæстæгты  бацыд   7 апрелмæ  фæдзæхст у.  Афтæдæр   Уæрæсейы   оккупацигонд регионы   а.х.  æнæнизхъахъхъæды  министр,  Тамаз  Цъахнакъиа  райхъусын кодта,  цæмæй  Ингуры  хидыл санитарон  контрол фæкарздæр ис.