Абхазы хæст  райдайынæй  абон  27 азы рацыд
Абхазы хæст райдайынæй абон 27 азы рацыд

Абхазы хæстон архæйдтыты  райдайынæй  абон  27 азы рацыд.

Хæстон архæйдтытæ   Абхазы 1992  азы   14 августы  райдыдта,  Гуырдзыстоны гарзджын тыхтæ  территоримæ бахызтысты  æфсæнвæндаг хъахъхъыныны нысанæй. Хæсты сæйраг фазæ  13 мæй æмæ  13  бон аххæссыд  æмæ 1993 азы  27 сентябры  Сухумы  састæй  фæцис.  Сухумы  састы  размæ  цыд   Уæрæсейы  хайадисгæйæ  фæрсты æхсæн бадзырдтæ.

27 июлы  къух бафыстой  Сочæйы  бадзырдыл, кæцы абхазаг фарс  иуфарсонæй  фехæлдта, гуырдзиаг  фарс Абхазæй  фæстæмæ куы ракодта уæззау  æфсæддон  техникæ уæд.

ХÆсты фæстиуæгæн  Абхазы территори ныууадзын тыхыбын баисты 300  мин адæймаг. Хæстон архæйдттыты фæстиуæгæн,  гуырдзиаг фарсæй,  æфсæддæтты  æмæ сабырадон цæрджыты нымæцы 10 мины онг  адæймаг  фæхъуыд.