Абитуриентæн фæлварæны рæстæджы маскæ райсыны бар уыдзæн, бæрæг уавæрты гæнæн уыдзæн кондиционер скусын кæнын дæр
Абитуриентæн фæлварæны рæстæджы маскæ райсыны бар уыдзæн, бæрæг уавæрты гæнæн уыдзæн кондиционер скусын кæнын дæр

Абитуриенттæн фæлварæны  рæстæджы маскæ сисыны фадат уыдзæн, бæрæг  уавæрты уыдзæн  гæнæн  кондиционеры  скусын кæнын дæр, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр Гиорги Гахариа   хицауады  рабадтыл   райхъусын кодта.

«Националон фæлварæнтæ  райдаынц  6 июлæй  æмæ аххæсдзысты  25-ы онг.  Фарст кæцы  тыхсын кæны  куыд  абитуриентты, афтæ  сæ ныйарджыты –   абон сæумæрайсом  нын  уыд  æмбæлгæ  уынаффæйы  æмбырд,  æнæнизхъахъхъæды  секторы,   эпидемиологты минæвæрттимæ æмæ æнæнизхъахъхъæды министрадимæ иумæ.  Скуыддзæгтæ,  кæцытæ абон  нæ бон у  айзæлын кæнын,  æмæ кæцытыл стæй хъуамæ фæтæрхон кæнæм,  ахæм сты:  уымæн, цæмæй  ахуырады мнистрад  текхниконæй   дзæбæх бацæттæ ис  фæлварæнты ауадзынмæ,  абитуриенттæн кæцытæ маскæимæ  æнæмæнгæй  хъуамæ бацæуой  сæрмагонд фæлварæнон бынатмæ,  партæйы  цур  рабадой, кæцы  уыдзæн дезобарьерæй ифтонггонд,  фæлварæн дæттыны  рæстæджы йæм уыдзæн фадат, маскæ  сисын,  уымæн   æмæ  уым дистанци хъахъхъæд уыдзæн.  Кæй зæгъын æй хъæуы,   рудзгуытæ дæр хъуам уа гом.  Уыцы  цауы,  кæд æмæ  фæлварæнон уаты  температурæ  30 градусмæ схæццæ  уыдзæн,   уæд  уыдзæн гæнæн  кондиционер скусын кæнын», –   банысан кодта Гахариа.

Афтæмай æныхæстæмæ  гæсгæ,   абитуриенттæн фæлварæнты рæстæджы  уыдзæн  комфортон уавæртæ.