6 январы онг Гуырдзыстоны  уыдзæн сур бонтæ
6 январы онг Гуырдзыстоны уыдзæн сур бонтæ

Æрдзы  националон агентады  информаций,  6 январы онг Гуырдзыстоны дæлдзырæттæ   нæ уыдзæн.

Хурныгуылæн Гуырдзыстоны  ныллæг зонæты   уæлдæфы температурæ боны сахатты  +16,+21 градусы  онг схъарм уыдзæн,   хурыскæсæны  та  ныллæг зонæты  +8,+13 градусы  фæлæгттæ у æнхъæлмæкæсинаг.

Синоптикты прогнозæй,  ног азы  æхсæв   уæлдæфы  температурæ  хуырныгуылæн Гуырдзыстоны   ныллæг  зонæты  +5,+10,   бæрзæндты  -3, уæлхох  рæтты -7,-2.  Хурыскæсæн Гуырдзыстоны  ныллæг  зонæты   -5,0, уæлхох  рæтты  -10,-5 градус  у æнхъæлмæ кæсинаг.  Тбилисы  дæр   дæлдзырæттæ  нæ уыдзæн, уæлдæфы температурæ  ног азы æхсæв  уыдзæн -1,=1, æрмæст 1-2  январы  боны сахатты  +11,+13  градус  у æнхъæлмæкæсинаг.