5 апрелы   Сомихы  Апостолон Сыгъдæг рæстдинон  аргъуан  бæрæгбон кæны  Зазхæссæн
5 апрелы Сомихы Апостолон Сыгъдæг рæстдинон аргъуан бæрæгбон кæны Зазхæссæн

5 апрелы   Сомихы  Апостолон  Сыгъдæг  рæстдинон  аргъуан  бæрæгбон кæны  Зазхæссæн.

Тбилисы  Сурб Геворгы  кафедралон  аргъуаны бæрæгбонмæ гæсгæ,   литургий ацыд.

Скуывд комкоммæ трансляцийæ   лæвæрд æрцыд  Гуырдзыстоны  Сомихæгты  епархийы   веб-фарсыл æмæ  Фейсбукы фарсыл.

Адæм  аргъуаны  тыргъы  паддзахады  æрдгæй лæвæрд рекомендацитæм æмбæлгæйæ   дыууæ  метры  бæрц   дистанцийыл лæууыдысты  кæрæдзийæ,  аргъуанмæ та мидæмæ  æрмæст æртыгай  адæймаг   цыдис.

Сомихы  Апостолон   сыгъдæг рæстдинон   аргъуаны  кæълинадры  æгъдауæй,  Йесо Чырыстийы  рухстауæг Куадзæн  12  апрелы,  зазхæссæны бæрæгбонæй,   иу  къуырийы  фæстæ  сбæрæгбон кæнынц.