28 ноябрæй  31 январы  периоды, Гуырдзыстоны масштабæй, 21  сахатæй  05:00 сахаты онг, арæнгонд уыдзæн  адæмы змæлд, куыд фистæгæй,  афтæ  транспортон фæрæзтæй, уæлвæтк уыдзæн  Ног Азы æмæ Цыппурсы æхсæв
28 ноябрæй 31 январы периоды, Гуырдзыстоны масштабæй, 21 сахатæй 05:00 сахаты онг, арæнгонд уыдзæн адæмы змæлд, куыд фистæгæй, афтæ транспортон фæрæзтæй, уæлвæтк уыдзæн Ног Азы æмæ Цыппурсы æхсæв

Премьер-министры  къухдариуæгæй  архайæг æхсæнуагдонон  координацион  совет Гуырдзыстоны  уæвæг эпидемиологион  уавæрмæ гæсгæ, бæстæйы архайæг  ранæй-ран арæнæвæрдты фæкарз кæнын æмæ  ауæрæхдæр кæныны фæдыл  уынаффæ рахаста.

Æхсæнуагдонон  координацион советты  уынаффæйæ, 28  ноябр -31 январ нымайгæйæ:  бæстæйы масштабæй  арæн кæны: 21  сахатæй  05:00 сахаты онг,  адæмы змæлд, куыд фистæгæй,  афтæ  транспортон фæрæзтæй, афтæма æхсæнадон тыгъдады  уæвын; уæлвæтк уыдзæн  Ног Азы æхсæв – 31 декабры æхсæв  æмæ  Цыппурсы æхсæв – 6 январы æхсæв;

Ног арæнæвæрдты фæдыл  официалон информаци, координацион совет  абон ахæлиу кодта. Цы арæнæвæрдтæ  уыдзæн Гуырдзыстоны 28 ноябрæй,  уæ бон фенын у  ацы дæнцыл.