2017 аз авиацийæн уыд æдас
2017 аз авиацийæн уыд æдас

2017 аз  коммерцион   авиакомпаниты историйы   уыдис сеппæтæй  æдас. Уый тыххæй  информацийы хæлиу кæны  ВВС.

Голландиаг   консультацион   компани То70-ы  æмæ  авиацийы   æдас хызагы иртасæнмæ гæсгæ,  ивгъуыд  аз дунейы  бæлццонон   лайнерты  æрхауды  иунæг факт дæр не сфиксир ис.

Афтæдæр  райрæзт тахтыты  нымæц.

Авиацийы  æдас хызагы иртасæнмæ гæсгæ, 2017 азы  æдæппæт  10  фаталон инцидент  сфиксир ис кæцыты амæттаг æссис  79 адæймаг.

2016 азы  æрцæугæ 16 цауы фæстиуæгæн та  фæмард  303  адæймаг.

Фæнысан кæнинаг у,  цæмæй   ацы   ратгæтæ  æххæссынц  уыцы  бæлццонон лайнертæм,  кæцытæн  иууыл цъус 14 адæймагы аласыны сертификат ис.

2017 азы  сеппæтæй  трагикон цау  æрцыд январы,  туркаг  уæзласæн  хæдхæтæг Хъиргъизы иуæй-иу хъæуы куы архаудта,  кæцыйы  фæстиуæгæн   фæмард  бортыл уæвæг  экипажы  4  уæнг  æмæ аварийы бынатыл уæвæг  35 адæймаг.

Иртасæны бавдыст бæрæггæнæнтæ  не  æххæссынц  æфсæддон   хæдтæхджыты æмæ  хæрдмæтæхджыты  инциденттæм.