2008 азы  Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты хъуыддагыл уынаффæйы фæдыл Страсбургы  тæрхондон абон фехъусын кæндзæн
2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты хъуыддагыл уынаффæйы фæдыл Страсбургы тæрхондон абон фехъусын кæндзæн

2008 азы хæсты фæдыл, хъуыддагыл «Гуырдзыстон Уæрæсейы ныхмæ»  уынаффæ, Страсбургы  тæрхондон  абон  рахæсдзæн.

Хъуыддаджы фæдыл  хъусын  Тбилисы рæстæгæй  14:00 сахатыл  райдайдзæн,  15:00 сахатыл та Гуырдзыстоны юстицийы министр  Гоча Лорткипанидзе  фæнысангонд фарстыл   ауадздзæн брифинг.

Гуырдзыстон августы хæсты  хъуыддагыл  Уæрæсейы  зылынджын кæны    Европаг конвенцийы  бирæ статийы  халыны.

Гуырдзыстоны  юстицийы министрады хъусинагæй,   сæ нымæцы  сты: царды бар; хъизæмары, æнæтæригъæд кæнæ джелбет æфхæрæг  ахаст кæнæ  æфхæрды тобæ; сæрибардзинады æмæ æдасдзинады бар; хисæрмагонд æмæ бинонты  царды хъахъхъæдады бар; сæрмæмулкы бар æмæ æнд.  (Æххæстæй: царды бар (2-æм стати); хъизæмары, æнæтæригъæд кæнæ джелбет æфхæрæг  ахаст кæнæ  æфхæрды тобæ(3-æм стати); сæрибардзинады æмæ æдасдзинады бар(5-æм стати); хисæрмагонд æмæ бинонты  царды хъахъхъæдады бар (8-æм стати); барадон хъахъхъæды архайды фадаты бар (13-æм стати); сæрмæмулкы бар (фыццаг  уæлæмхас протоколы  фыццаг стати); ахуыры бар (фыццаг  уæлæмхас протоколы дыккаг стати); уæгъдибарæй  дыууæрдæм змæлды бар( 4-æм  уæлæмхас протоколы 2-æм стати).

«Æндæр æмæ  æндæр  рæстæджы Страсбургы  тæрхондонмæ Гуырдзыстонæй  бавдæстуыд  700-ы онг бæлвырдгæнæн, сæ нымæцы: видео æмæ фото æрмæджытæ, радарты бæрæггæнæнтæ, экспертты  хатдзæгтæ, цæстдарæн камерæты ныффыстытæ, стындты бæлвырдгæнæнты  сейсмон станцæйы арызт ныффыстытæ; цæстæйфенджыты æвдисæндзырдтæ, сателлитон къамтæ, медийы  æрмæджытæ, æхсæнадæмон организациты  хыгъдлæвæрдтæ, тилифонæй дзырдты сусæг байхъуысты ныффыстытæ, саперон амлæтты фæдыл хыгъдлæвæрдтæ,  Гуры цы  «Искандер» срæмыгъдис уый хæйттæ  æмæ сыл арызт  экспертизæйы хатдзæгтæ æмæ æнд.) æмæ  ноджы бирæ  документтæ æмбæлгæ анализимæ  æмæ аргументтимæ» –  хъусын кæнынц  юстицийы министрады.

Гуырдзыстоны юстицийы министрады хъусинагæй, 2016  азы  17 июны  Гуырдзыстоны хицауад 2015  азы бавдыст фыстæй  позицитæ бацахуыры,  Страсбургы адæймаджы  барты Европаг  тæрхондоон, æмтгæй райсгæйæ 33  æвдисæнмæ байхъуыста (æвдисæнтæм фæсидтысты  куыд Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æрдгæй, афтæ  Страсбургы тæрхондоны инициативæйæ).

2018 азы 23 майы  Страсбургы  тæрхондоныацы  хъуыддагыл    хъусын, кæцыйы  фæлгæтты Гуырдзыстон  йæ  фидар порзицитæй  æмæ  бæлвырдгæнæнтæй  ралæууыд.

Фыццаг хъаст хъуыддагыл,  Европаг тæрхондонмæ, Гуырдзыстоны бахаста  2008 азы  11 августы  æмæ æрдомтта  рæстæгмæ амал райсын. Æрмæст æхсæнпаддзахадон хъаст  бавдыст æрцыд 2009  азы  6 февралы. 2011 азы  13 декабры  тæрхондон, Гуырдзыстоны  хъаст райсинагыл банымадта.