20-21 июны фæзындтæм гæсгæ,  МХМ-ы ноджы иу кусæгы æрцахстой
20-21 июны фæзындтæм гæсгæ, МХМ-ы ноджы иу кусæгы æрцахстой

Гуырдзыстоны генералон  прокуратурæ  20-21 июны   фæзындты  тыххæй,   мидхъуыддæгты министрады  сæрмагонд  хæслæвæрдты  департаменты  ноджы иу  кусæгы æрцахста –  уый фæдыл генералон прокуратурæйы   брифингыл  прокуррор  Кока Кацитадзе   райхъусын кодта.

Йæ  ныхæстæм гæсгæ, МХМ-ы  кусæг  йæ  кусæн æххæстбартæ фæуæлдайджын кодта.

«Бæрзонд  дзыллæон интересы   зæрдылдаргæйæ  уын хъусын кæнæм, цæмæй  20-21  июны, Гуырдзыстоны парламенты  бæстыхайы  алфæмбылай территорийыл  уагъд акцийы  хицæн хайадисæгы  æрдæм барадхъахъхъæнджыты æрдгæй, æххæстбарты гæнæн фæуæлдайджын кæныны  фактыл цæугæ  фæдæвзарæны  фæлгæтты  райст  бæлвырдгæнæнты  бындурыл  Гуырдзыстоны  прокуратурæ  мидхъуыддæгты  министрады  сæрмагонд хæслæвæрдты  департаменты   ноджы иу  кусæгы  æрцахста.

Фæдæвзарæны  фæстиуæгæн райст бæлвырдгæнæнтæй бæрæг у,   цæмæй   2019  азы  21  июны,  Руставелийы проспектыл, æхсæнадон сæрфат  сног кæныны æрдæм  уагъд мадзæлтты  сæххæсты  рæстæджы,   сæрмагонд  хæслæвæрдты  департаменты  кусæг.ю æхсæнгарзæй  спайдайæ,  йæ  кусæн бæххæстбартæ фæуæлдайджын кодта, сæрмагондæй та фехæлдта, специалон амæлттæй  пайдакæныны   закъонæй  бæрæг  æгъдау æмæ  æнæниздзинад базиан кодта  акцийы  дыууæ  хайадисæгæн.

Зылынгæнæг фарс  куры  тæрхондонæй,  ахæсты ныхмæ,  æфхæрды хуызæй    ахст стæрхон кæнын.

Афтæдæр банысан кæндзыстæм,  цæмæй  20-21 июны   акцийы  хицæн   хайадисджыты æрдæм  барадхъахъхъæнджыты æрдгæй,  æххæстбарты  гæнæн фæуæлдайджын кæныны   фактыл интенсивон фæдæвзарæн дарддæр  кæны. Бæрзонд æхсæнадон интересы  тыххæй,   Гуырдзыстоны генералон прокуратурæ  фæдагуырды фæстиуджытæ,  этапгай  базонын  кæндзæн дзыллæйæн» –  банысангонд у  прокуратурæйы фидиуæны.