20-21 июны айтынггонд фæзындтыл фæдæвзарæн растады  фæндагæй паддзахадон  хицауад раппарыны  æмæ  хицаудзинад химæ райсыны статиæй адарддæр уыдзæн
20-21 июны айтынггонд фæзындтыл фæдæвзарæн растады фæндагæй паддзахадон хицауад раппарыны æмæ хицаудзинад химæ райсыны статиæй адарддæр уыдзæн

20-21 июны айтынггонд фæзындтыл  фæдæвзарæн растады  фæндагæй   паддзахадон  хицауад раппарыны  æмæ  хицаудзинад химæ райсыны статиæй адарддæр уыдзæн, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны генералон   прокуратурæйы   абон  уагъд брифингыл  райхъусын кодтой.

«Бæрзонд æхсæнадон интересы тыххæй,   хъусын уын кæнæм,  цæмæй Гуырдзыстоны  генералон прокуратурæйы æмæ  мидхъуыддæгты министрады  централон криминалон  полицийы   департаменты   инстенсивонæй   дарддæр кæны  фæдæвзарæн, 2019  азы 20-21  июны  парламенты  раз  уагъд акцийыл  къордон тыхмидзинады  организацийы,  къухдариуæгады æмæ уым хайад райсты фактыл.

Ацы  этапмæ фæдæвзарæны  процессы   уагъд  уæлæмхас фæдæвзарæн  мадзæлтты,  райсгæ  бæлвырдгæнæнты æмæ  дæсгай  æвдисæндзырды  анализы бындурыл,  фæдæвзарæг уагдон æрцыдис  хатдзæгмæ, цæмæй  2019 азы  20-21   июны  æхсæв, хицæн   уæнгты  æрдгæй  план кодта   растады фæндагæй   паддзахады  хицауады тыхон методтæй  раппарын æмæ хицаудзинад химæ райсын.   Фæбæрæг ис,  цæмæй растдæр  ацы фæнды  сæххæст кæныны фыццаг фазæйы нысан уыд  Гуырдзыстоны парламентмæ балæбурын, кæцыйы фæстæ хъуамæ  рацыдаиккой   фыдгæнæг  митæ  бæстæйы æппæт территорийыл, кæцы  нейтрализацигонд æрцыд  Гуырдзыстоны барадхъахъхъæнæг  органты сæрмагонд тыхайрхайдæй. Уый тыххæй  дæр,   тугтæрхоны барады хъуыддагыл  сбæлвырд ис  барадон квалификаци  æмæ мидхъуыддæгты  министрады, фæдæвзарæн цæуы,  Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады  кодексы 225-æм æмæ 315-æм статиты  3-аг хайæ, кæцы йæ хъуыдйы  дары  растад, паддзахады  хицауад раппарын æмæ  хицаудзинад  химæ райсыны нысанæй, кæцы  уæззау  фæстиуджытæ расайдта. Æввахс периоды  райрæздзæн  аххосджын уæнгты нымæц,  кæцыйы фæдыл дзыллæмæ  периодонæй  лæвæрд цæудзæн информаци.

Афтæдæр интенсивон режимæй  цæуы  фæдæвзарын, 20-21 июны  Руставелийы проспектыл, парламенты бæстыхайы  цур   территорийыл цæугæ акцийы   хицæн  хайадисджыты æрдæм барадхъахъхъæнджыты æрдгæй уæлдайджын тыхæй  гæнæн спайдайы  фактыл.

Хъуыддагыл арызт у  специалон   фæдæвзарæг къорд. Лæвæрд  этапмæ  фæдæвзарæны фæлгæтты  æрфарст æрцыд   170-йæ  фылдæр   уæнг, сæ нымæцы   сты куыд   цæф æмбæстæгтæ,  афтæ бынатыл уæвæг  журналисттæ æмæ  медийы  æндæр   минæвæрттæ.

Æндæр æмæ æндæр телекомпанитæй æмæ  масмедийы æндæр   фæрæзтæй,  ист æрцыд  парламенты  галуаны раз цæугæ  фæзындты  æвдисæг видео-аудіо  æмæ  фото æрмæг, кæцыты æмтгæйон нымæц, цалдæр  сæдæ файлæй фылдæр у. Фæнысангонд æрмæджы бацахуыр  æмæ анализ  интенсивон  режимæй  цæуы.   Уымæй дарддæр ма, фæдæвзарæг уагдон  деталонæй  сфыссдзæн  алы  уыцы  локацийы, цы ран архайдтой полицийы  хайадтæ, ист у  хицæн  æмæ  хицауадон уагдæтты уæвæг æддæ  цæстдарæг  камерæты фыст  видео-æрмæг.

Фæдæвзарæн процессы  рухсдзыддзинады  тыххæй,  Гуырдзыстоны  генералон прокуратурæ   нырид  къуындæг æмкуыст кæны  адæмон барты сæрыл дзуарæгимæ æмæ æнæхицауадон организацитимæ.  Ацы нысанæй,   уыдонæй ныридæгæн æркуырдтой   фæдæвзарæн уагдонæн  бавдисой  цы  æххæст информаци сæм  ис  гæнæн барадсасты  фактыты  фæдыл, уый.

Фæдæвзарæн  деталонæй   ахуыр кæны   хицæн  эпизодтæ, кæцыты мидæг бæрæг кæны  барадхъахъхъæнджыты æрдгæй  æххæстбарты сæрты ахизыны нысæнттæ.  Хъуыддагыл  уагъд æрцæудзæн  алы хъæугæ  фæдæвзарæн æмæ  процессон архайд, цæмæй  максималонæй  цыбыр рæстæгмæ  суа гæнæн  хатдзæгон  уынаффæ  рахæссын», – райхъусын кодтой  Гуырдзыстоны генералон прокуратурæйы.