18 бонон уацарад фæцис - Тайланды лæгæтæй сывæллæтты се ппæт дæр ракодтой
18  бонон уацарад  фæцис -  Тайланды лæгæтæй  сывæллæтты  се ппæт дæр ракодтой

Тайланды   цæугæ  ирвæзныгæнæн    операцийы  рæстæджы,     лæгæты  баззайгæ   дыууадæсæм  сывæллоны  дæр ракодтой.   Уый  фæдыл   агентад   «Ройтер»   хъусын кæны.

Ацы рæстæгмæ   алы  сывæллон   сæрибар сты.   Афтæма   лæгæтæй    ракодтой сæ  тренеры дæр.

Тайланды   лæгтæй   ракæнгæ  сывæллæтты  рынчындоны  иу къуырийы  бæрц  арвитдзысты.   Ахæлиугонд  информацийæ,    сæ дыууæмæ  фæбæрæг ис пневмонийы  нысæнттæ, дохтыртæ  сын   антибиотиктæй  хос кæнынц.   Æнæнмизхъахъъæды   министрады  информацийæ,   сывæллæттæн тугы  анализ систой æмæ    гæнæн ис   инфекцитыл  сгæрст ауадзын.   Дохтыртæ  дзурынц,   цæмæй  лæппутæ   сæхи дзæбæх хатынц.

11-æй 16 азы онг кары   12  æнахъомы  æмæ сæ  25 аздзыд   тренер, 23  июны  фæтар сты.  Уыдон   Тайланды цæгаты   уæвæг  Тхам  Луангы  лæгæтмæ бахызтысты, æнæнæхъæлæджы   тæркъæвда рауарыд,  лæгæт  донæй  байдзаг  æмæ  къорд   лæгæтæй   æддæмæ рацæуын нал  бахъом  ис.  Æрбайсæфтуæвлджыты  фараст боны фæстæ    лæгæты    мидæг  бацæуæнæй   цыппар километры  дæрццæг   ссардтой.