16 бæстæйы чысыл стъалытæ сæрттивдзысты Тбилисæй!
16 бæстæйы чысыл стъалытæ сæрттивдзысты Тбилисæй!

16 бæстæйы чысыл стъалытæ сæрттивдзысты Тбилисæй! 

207 азы сывæллæтты Евроуынынады  зарæджы конкурсы хайад райсынмæ, Тбилисмæ  Европæйы 16 бæстæйы  минæвар  чысыл стъалы æрцæудзæн.  Мадзал  уагъд ацæудзæн 26  ноябры.

Фыццаг хатт Евроуынынады историйы, скусын кæндзысты  хъæлæскæнынады ног  системæ,  кæцы  сæрхъуызойтæн ратдзæн фадат, уыдонæн фæндон  æххæстгæнæгæн схъæлæс кæной олайн режимы.

Сæрмагонд хъусдард центры уыдзæн Гуырдзыстон,  Тбилис –  зæрдæмæхæссаг историимæ æмæ культурон бандарадимæ.

Сывæллæтты Евруынынады конкурсы  организатор у  Европæйы телеуынынады  цæдис (EBU), Европæйы Телеуынынадты Цæдисы уæнг телеуынынадтимæ иумæ.  Мадзыл уагъд цæуы 2003 азæй.  Сывæллæтты  еврофестивалы  9-æй 14 азы  онг кары сывæллæт райсынц хайад.

Бæстыхай, кæцыйы 2017 азы сывæллæтты Евроуынынады конкурс ацæудзæн  нырид бæрæг у.

 Сывæллæтты   Евроуынынады  зарæджы  радæй 15-æм  конкурс, 26 ноябры  Тбилисы  олимпион галуаны  ацæудзæн.  Конкурсы ауадзын плангонд уыд  Тбилисы спорты галуаны, фæлæ фæстæдæр   ацы скуыддзаг ивд æрцыд.  Тбилисы олимпион галуан  бирæ æнцойуат æмæ бæзгæ дæр у  делегацитæн, медийы минæвæрттæн æмæ зæрдæриссджытæн.

Хъæлæскæнынады фæткъ 2017  азы

2017 азы нысаниуæгджынæй  ивындзинад ис   хъæлæскæнынады  процедурæйы –  схъæлæс кæнын гæнæн уыдзæн  онлайн режимы.

Онлайн  хъæлæскæнынады процедурæ райдайдзæн  24 ноябры æмæ урæд æрцæудзæн  26-æмы.

Зæрдæриссджытæн уыдзæн фадат  Евроуынынады  официалон веб-фарсыл  байхъусой  алы  конкурсон   зарæгмæ,  феной  конкурсон музыкалон   номырты  фрагменттæ,   хайадисджыты репетициты  иу минутон видеотæ  æмæ саразой  сæрмагонд барæвзар.

26 ноябры, лаив-шоу конкурсон   хайы  кæрон, хъæлæскæнынады процедурæ  сног кæндзысты 15 минутмæ.

Æфтауцæй информаци  хъæлæскæнынады  фæткъы  æмæ æндæр детæлтты  фæдыл,  æввахсдæр  бонты  фæбæрæг уыдзæн.

 

«Тынг  райгонд стæм, уымæй æмæ   сывæллæтты 15-æм   Евро-фестивалы фысымтæ  стæм. Азты  дæргъы, Евроуынынады историйы  мах федтам  тынг  курдиатджын сывæллæтты,  кæцытæй  бирæтæ абон æнтыстджын аивадархайджытæ сты.  Ацы  аз  хъæлæскæнынады   ног системæ, милуангай кæсджытæн ратдзæн фадат,  конкурсмæ баиу уой  æмæ сфиксир кæной сæрмагонд барæвзар» – фехъусын кодта  (EBU) –йы минæвар,  сывæллæтты Евроуынынады æххæстгæнæг  продюссер  Джон Ола Сэнди.

 

2017 азы сывæллæтты Евроуынынады  зарæджы конкурсы  хайад исынц 16 бæстæ,  ацы бæстæтæ сты:

Албани

Сомихыстон

Австрали

Белорусси

Къипр

Македони

Гуырдзыстон

Ирланди

Итали

Мальтæ

Польшæ

Португали

Уæрæссе

Серби

Нидерландтæ

Украинæ

 

Фæнысанкæнинаг  у уый цæмæй, 2016 азы Евроуынынады  зарæджы конкурсы  фæуæлахизы фæстæ, Португали  10- азон  паузæйы  фæстæ сывæллæтты   евро-фестивальмæ æрыздæхт.  Бæстæ  конкурсы  хайад фæстаг хатт райста 1007 азы.

2016  азы  сывæллæтты  Евроуынынады  зарæджы  конкурсы  уæлахиздзауы  Мариам  Мамадашвилийы  царды нысаниуæгджын æнтыстытæ æмæ нгдзинæдтæ ис.  Уый ахуыр кодта  Бродвейы  методологийы  академийы (Broadway Method Academy),  Мариамы фæхуыдтой  Нью-Йоркы  агентадмæ  Take 3 Talant.Мариамы æнтыст  иттæг хорз дæнцæг у  уымæн, цæмæй 2017 азы  сывæллæтты  евро-фестивалы уæлахисдзаумæ бирæ ногдзинад æнхъæлмæ кæсы.