14-æм январы Гуырдзыстоны паддзахадон тырысайы бон нысан кæнынц
14-æм январы Гуырдзыстоны паддзахадон тырысайы бон нысан кæнынц

14-æм январы Гуырдзыстоны паддзахадон тырысайы бон нысан кæнынц

Абон Гуырдзыстоны паддзахадон тырысайы бон у. Бæстæйы иуæй-иу сæйраг символикайы, националон тырысайы бон 2012 азæй нысан кæнынц.

Гуырдзыстоны тырыса 2004-æм азы 14-æм январы уыд бындурæвæрд. Геральдикæйы паддзахадон советы бæрноны Давид Чхеидзейы фидиуæнмæ гæсгæ, националон тырысайæн стыр истори ис æмæ европон картæтыл Гуырдзыстоны рагон рæстæгæй сæрмагонд тырысайæ нысан кодтой.

Геральдикайы паддзахадон совет æмбæстæгтæн, скады нысанæй паддзахадон тырысатæ сæрмагонд хæдзæртты уæлхæдзæрттыл сывæрой æмæ сæ бакъæттæй райтындзой.

Националон тырысайы бонмæ гæсгæ, бæрæгбонон мадзæлтты фæлгæтты Гуырдзыстоны президент Саломе Зурабишвили Чохатауры , Эриставиты галуаны Гуырдызстоны тырысайы райтынддзæн æмæ æмбæстæгтæн ныфхасæй басиддзæн. Мадзалы хайад райсдзæн афтæ дæр праламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе.