12-14 майы  Гуырдзыстон лæудзæн хъарм  æмæ фылдæр хур  боныгъæд
12-14 майы Гуырдзыстон лæудзæн хъарм æмæ фылдæр хур боныгъæд

Æрдзы националон агентады  информацийæ 12-14  майы  Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у   хъарм æмæ фылдæр  хурджын  боныгъæд.  12 майы  уæлдæфы температурæ  боны  сахатты  ныллæг зонæты  +21,+26 градус у æнхъæлмæ кæсинаг,  13-14  майы  та  хурныгуылæн Гуырдзыстоны  +30,+35,  хурыскæсæны  та  +27, +32 градусы  онг схъарм  уыдзæн.

15 майы   иуæй-иу  рæтты   уардзæн кæъвда,  хурыскæсæн Гуырдзыстоны гæнæн ис  ихуард дæр.  Уæлдæфы  температурæ  ныгуылæн Гуырдзыстоны  6-7 градусæй  фæкъаддæр уыдзæн.

Тбилисы   15  майы онг сур бонтæ  уыдзæн, 15 майы  та  гæнæн ис  цыбырæмгъуыдон  кæъвда  арвнæрдимæ.  Уæлдæфы  температурæ 12 майы  +23, +25, æрмæст 13-15 майы +28,+30 градус сфиксир уыдзæн.