11 майæ Тбилисы змæлдыл алыхуызæн арæнæвæрдтæ ивд æрцæудзысты, 14 майæ та æххæстæй уæгъд уыдзæн змæлд Рустав æмæ Гардабаны
11 майæ Тбилисы змæлдыл алыхуызон арæнæвæрд тæ сисдзысты, æрмæст 14-æм майæ æххæстæй уæгъд уыдзæн дыууæрдæм змæлд Руставы æмæ Гардабаны – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа феъхусын кодта.
«11 майæ æххæстæй уæгъд уыдзæн змæлд Тбилисы. 11 майæ, къуырисæрæй, Тбилисы арæнвæрдтæ иууылдæр, æрбацыд æмæ ацыды фæдыл, æххæстæй аивдзыстæм. Уый нæ нысан кæны, цæмæй коменданты сахат дæр аивдзыстæм бæстæйы масштабæй. 14 майæ æххæстæй байгом уыдзæн дыууæрдæм змæлд Руставы æмæ Гардабаны», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.
Тбилис, Рустав, Кутаис æмæ Батуммæ бацыд æмæ рацыдыл 15 апрелы тобæ сæвæрдтой.
Уымæй уæлдай ма фæндзæм майæ арæнæвæрдтæ систой Кутаис æмæ Батумы.