11-æм сентябры терактæй 18 аз ацыд
11-æм сентябры терактæй 18 аз ацыд

11-æм сентябры терактæй 18 аз ацыд

2011-æм азы 11 сентябры терактæй 18 аз ацыд. Нью-Йоркы мемориалон мадзал райсомы сахатты райдайдзæн, кæцыйы алы мардгонды ном расиддзысты. Мадзалы хайад райсдзысты æрмæст мардгонты бинонты уæнгтæ.

Специалонæй ацы бонмæ Нью-Йоркы цалдæр ног райтыгъд байгом уыдзæн, кæцы теракты фæдыл уыдзæн.  Мадзæлттæ плангонд сты АИШ-ы æндæр горæтты дæр.

Специалон мадзал сырæздзæн Пентагоны, кæцыйы мардгондтæн кад скæндзысты. Мадзалы райсдзæн хайад АИШ-ы президент Дональд Трамп.

2001 азы 11 сентябры Ал-Каидайы химарæг террористтæ цыппар коммерцион хæдтæхæг аскъæфтой. Дыууæ уыдонæй, дунейы коммерцион центрыл сымбæлд, иу та пентагоны бæстыхайыл сымбæлд. Трагикон бон æртæ мин адæймаг фæмард, æхсæз та фæцæф.