Ян Къелли - Гуырдзыстоны фарсмæ лæудзыстæм уыцы афонмæ, цалынмæ НАТО-йы уæнг суæвын хъом бауыдзæн уæдмæ
Ян Къелли -  Гуырдзыстоны фарсмæ  лæудзыстæм  уыцы афонмæ,  цалынмæ НАТО-йы  уæнг суæвын хъом бауыдзæн уæдмæ

«Гуырдзыстоны фарсмæ  лæудзыстæм  уыцы афонмæ,  цалынмæ НАТО-йы  уæнг суæвын хъом бауыдзæн уæдмæ» -уый фæдыл  Гуырдзыстоны, АИШ-ы минæвар  Ян Къелли, НАТО-йы генералон нымæрдары фидиуæны дзуаппæн  расидтис. Къелли банысан кодта, цæмæй  Гуырдзыстоны цæгат атлантикон  альянсы   уæнгсуæвынæн АИШ-æ æнæцудгæйæ  хæцы  йæ фарс.

«Мах уырны, цæмæй Гуырдзыстон суыдзæн  НАТО-йы  уæнг, вице-президент Майк Пенс, кæцы ам уыдис  августы мæйы,  загъта,  цæмæй Гуырдзыстоны фарсмæ  лæудзыстæм уæдмæ,  цалынмæ НАТОйы  уæнгсуæвын хъом бауыдзæн,  кæцы кæй зæгъын æй хъæуы,  нысан кæны  алы бæстæйы консессус æмæ разыдзинад. АИШ-æ кæддæриддæр  йæ  фарс хæцыд  Гуырдзыстоны  НАТО-йы унгсуæвынæн» – расидтис  АИШ-ы минæвар Фыццаг Каналимæ интервьюйы.

НАТО-йы  генералон нымæрдар  Йенс Столтенберг,   Канадæйы сахар Галифаксы   цæугæ   æдасдзинады  æхсæнадæмон конференцийыл дзырдæй  ралæуды рæстæджы  загъта, цæмæй  Гуырдзыстон æмæ Украинæйы  НАТО-йы уæнг суæвыны  скуыддзаг хъуамæ райсой 29 паддзахад,  æмæ ацы процессмæ зæгъгæ  æндæрæн  бацæуæн нæй.