Срæмыгъды тасы тыххæй,  Мæскуыйы центрæй мингай адæймаг сты эвакуацигонд
Срæмыгъды тасы тыххæй, Мæскуыйы центрæй мингай адæймаг сты эвакуацигонд

Срæмыгъды  тасы тыххæй, Мæскуыйы  мингай  адæймагы  эвакуаци сæххæст. Барадхъахъхъæнæг уагдæттæ Стыр театры, фысымуат «Метрополы»  æмæ базарадон  хæдзар  «GUM»  равдæлон кæныны  скуыддзаг  анонимон  телефонон   дзырды  бындурыл райстой.

Бынæтотн  медийы  хъусинагæй,  Сырх Фæзыл уæвæг  базарадон центрæй  æмæ фысымуат «Метрополæй»  5000-ы онг адæймагы эвакуаци сæххæст.

Барадхъаххъæнджыты информацийæ тв, æвдæлон у  Мæскуыйы  Стыр Театр дæр.

«Reuters»-ы  корреспондент куыд хъусын кæны   афтæмæй,  театры  эвакуаци сæххæст спектаклы размæ.

Ахæм æртхъирæнтæй  тыххæй, фæстаг  дыууæ мæйы  дæргъы  Уæрæсейы  æндæр æмæ æндæр  рæтты, базарадон цйентрты, æфсæнвæдагон станцæты æмæ æндæр æхсæнадон  уагдæтты  эвакуаци бахъуыд.   Æнæкæсгæ уымæ, цæмæй  алы ахæм æртъхъирæнтæ фæстагмæ  мæнг разындысты,  анонимон хъусинæгтыл бæрн йæхимæ нырма  ничи систа.

Уæрæсейы  федералон  æдадзсинады куысты хистæры,  Александр  Бортниковы  фидиуæнæй,   æртъхъирæнты хъусинæгты фæстæ лæууынц,  фæсарæнты цæрæг  Уæрæсейы  цыппар æмбæстаг.  Бæрзонд гæсты  хъусинагæй,  гуырысхогондтæн æмцæдисонтæ ис Уæрæсейы территорийыл.