Сергей Лавров - Уæрæссе цæттæ у срæвдз кæна фезмæлд Уæлхох Карабахы конфликты аскуыддзагы æрдæм
Сергей Лавров -  Уæрæссе цæттæ у срæвдз кæна фезмæлд Уæлхох Карабахы конфликты аскуыддзагы æрдæм

Уæрæсе цæттæ у,  срæвдз кæна  змæлд  Уæлхох Карабахы конфликты аскуыддзаг кæнынæн –  ацы фидиуæны Бакумæ визиты рæстæджы сарызта   Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министр. Сергей Лавров, нырид фембæлд Азербайджаны президент Ильхам Алиевимæ.

«Мах куыд  ОБСЕ-йы  æмсæрдæртты  æртæйы  уæнгтæ,  интересджын стæм, æлхынцъыты  райхалын æмæ Уæлхох Карабахы   конфликты аскуыддзагы  æрдæм фезммæлды.  Ацы  цауы  Уæрæсе  разы у Азербайджанимæ, цæмæй  ацы æрдгæй  бирæ активондæр тыхархайд хъæуы» – расидтис  Сергей Лавров.

Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министр, афтæдæр   бахахх кодта   Азербайджанимæ базарадон  зилдухы рæзт.  Лавровы ныхæстæм гæсгæ,  2017 азы  фыццаг фараст  мæйы  мидæг  уапргъты зилдух  60 процентæй райрæзтис.

Уæрæсейы  сæйраг дипломат Бакумæ знон изæры ныццыд. Абон Сергей Лавров  Уæрæсейы  делегацийы æндæр уæнгтимæ иумæ  Гейдар Алиевы  цыртмæ  дидингуытæ бахаста.