Сабион евроуынынадмæ цæттæкæнынад кæронмæ фæхæццæ кæны
Сабион евроуынынадмæ цæттæкæнынад кæронмæ фæхæццæ кæны

Сабион евроуынынадмæ цæттæкæнынад кæронмæ фæхæццæ кæны.  Ацы этапыл  нырид  райдыдта   сæйраг  сценæйы монтаж, кæцыйы фæстæ дæр æрмæст ма декорациты сæвæрын бахъæудзæн.

Абон райдыдта генералон репетици-концертмæ  билетты уæй, кæцы 25-æм ноябры, 19:00  сахатыл  райдайдзæн Тбилисы  олимпион галуаны.

Кæй фæнды  уыдонæн  билетты балхæнын, 3, 5 æмæ 10 ларийæ, электрононæй сæ бон уыдзæн  «tkt.ge»-ыл   æмæ Тбилисы  концертон залы  кассæты.

Генералон репетици   лайв режимы  цæуы  æмæ сæйраг шоуйы аналогион у, кæцы  26 ноябры  сырæздзæн.

Репетици-концертыл кæсджытæм уыдзæн фадат  фыццæгтæ  аргъ скæной  16 бæстæйы конкурсантæн.  Растдæр  ацы генералон   репетицимæ гæсгæ,   алы  хайадисæг  бæстæйы  жюри   аргъ скæны конкурсанттæн,   кæцыйы фæстиуджыты, кæсджытæ  26 ноябры, комкоммæ эфиры  базондзысты.