Мароккойаг фанаттимæ быцæудзинады фæстиуæгæн фæцæф сты 22 бельгиаг полициаг
Мароккойаг фанаттимæ быцæудзинады фæстиуæгæн фæцæф сты 22 бельгиаг полициаг

Бельгийы  сæйраг сахары   стыр змæстытæ уый фæстæ райдыдта,   мароккойаг æмбырдгонд футболы  Дунейы 2018 азы чемпионаты финалон этапмæ куы ахызт.

Агентад  «AFP»-ы информацийæ,  300 –ы онг  марокккойаг  фанат уынгтæм рацыдысты  ацы фæзынды банысан кæнынæн.  Уыдон æгæр агрессивон дарттой сæхи,  бастыгъдтой цалдæр  дуканийы,  басыгъдтой  автомобилтæ.

Уавæры æрбиноныг кæнын бацархайдтой  полициæгтæ æмæ сырæзт быцæудзинады фæстиуæгæ фæцæф ис 22 барадхъахъхъæнæг.

Бельгийы мидхъуыддæгты министр Ян Ямбон фехъусын кодта, цæмæй  фæнысангонд архайдтæ æнæруадзгæ сты æмæ  инциденты æнæмæнгæй равзардзысты.

Мароккойы æмбырдгонд 1998 азы фæстæ,  фыццаг хатт ахызт  дунейы  чемпионаты финалон этапмæ,  йеуæд ацы балл  сæвæрдта равзарæн   этапы  рекорд –  иунæг матчы дæр йын нæ баппæрстой къæм.