Лайма Андрикиене – Стыр ныфс мæ ис, Гуырдзыстоны, Украинæ æмæ Молдовæйы европæйаг тырнынад, 24 ноябры саммиты декларацийы æрцæудзæн æвдыст
Лайма Андрикиене – Стыр ныфс мæ ис, Гуырдзыстоны, Украинæ æмæ Молдовæйы европæйаг тырнынад, 24 ноябры саммиты  декларацийы æрцæудзæн æвдыст

Стыр ныфс мæ ис, цæмæй Гуырдзыстон, Украинæ  æмæ Молдовæйы Европæмæ тырнынад,  инвестицион  фонды сырæзт æмæ  фидæны перспективæты фæдыл, конкретон къахдзæфтæ  фæбæрæг уыдзысты  Скæсæн Партнерады  24 ноябры  саммиты  декларацийы –  уый фæдыл  Фыццаг Каналæн  европарламентар  Оайма Андрикиене, европарламент фæнысангонд бæстæты  фарсхæцæг  резолюци куы райста уый фæстæ фехъусын кодта.

«Халæппæрсты фæстиуджытæй  зæрдæрухс дæн. Æвзæры  ницы æнхъæл уыдтæн.  Ацы резолюцйæ  европарламент  йæ ныхас загъдта  æмæ  равдыста  цæмæй куыд  уыны  Скæсæн партнерады  инициативæйы фидæны уый»

Скæсæн Партнерады  самиты  онг фараст бонæй раздæр,    Европарламент  райста резолюци,  кæцы  ассоциацигонд  уæнгты  Гуырдызстоны, Украинæ æмæ   Молдовæйы  фæдылдзог интеграцийы фарсхæцæг у.  Критериты сæххæсты  фæстæ, партнерты  Шенгены æмæ  иууон  таможнæты цæдисы  уæнгсуæвыны вварс  схъæлæс кодтой  519  депутат. Хъæлæскæнынады  фæстиуджытæм гæсгæ,   йæ ныхмæ рацыд  114  депутат æмæ  47 парламентар та  халæппæрсты  хайад нæ райстой.

Резолюци  абон æрвыст æрцæудзæн  Европæйаг камисмæ  æмæ Европæйаг Советмæ.

Скæсæн партнерады саммит 24 ноябры Брюсселы ацæудзæн.