Колумбийы спец-операцийы фæстиуæгæн барадхъахъхъæнджытæ ссардтой 12 тоннæ кокаин
Колумбийы спец-операцийы фæстиуæгæн барадхъахъхъæнджытæ ссардтой 12 тоннæ  кокаин

Колумбийы  бæстæйы историйы  кокаины  сегасæй  ставддæр  партий  ссардтой.  12 тоннæ  кокаины  барадхъахъхъæнджытæ ссардтой  Колумбийы  цæгат-ныгуылæны, сахар Апартадойы  уагъд спец-операци «Агамемноны» фæтсиуæгæн.

Наркотикты хицау уыд  иуæй-иу криминалон  къорд.  Контрабандон   уаргъ,  бананты фермæйы   территорийыл  зæххыбын  æвæрнты  уыд æмбæхст.

Полицийы аргълæвæрдæй,  ссарæггаг  наркотикы  æппæтон аргъ, æххæссы 360 милуан евромæ.