Китай æмæ АИШ, къух бафыстой 253 миллиард доллары аргъы базарадон бадзырдыл
Китай æмæ АИШ, Пекинмæ Дональд Трампы дыууæбонон визиты фæлгæтты, 253 миллиард доллары аргъы базарадон бадзырдыл бафыстой къух. Уый фæдыл фидиуæны Китайы лидер Си Дзин Пин сарызта иумæйаг пресс-конференцийыл.
АИШ-ы президент Пекины баззайдзæн 10 ноябры онг. Йæ визиты размæ бæрæг уыд, цæмæй Китайы сæйраг сахары фембæлды рæстæджы, фæрстæ Кореяйы æрдæгсакъадахы кризис æмæ дыууæфарсон базарады фарстытыл фæуынаффæ кодтаиккой.