Йенс Столтенберг – Гуырдзыстон НАТО-ы уæнгсуæвыны скуыддзаг хъуамæ райсой 29 паддзахады æмæ ацы процессмæ æртыккаг фарсæн бацæуæн нæй
Йенс Столтенберг – Гуырдзыстон НАТО-ы уæнгсуæвыны скуыддзаг хъуамæ райсой 29 паддзахады  æмæ ацы процессмæ  æртыккаг фарсæн бацæуæн нæй

Гуырдзыстон  æмæ   Украинæйы NATO-ы уæнгсуæвыны  фæдыл скуыддзаг  хъуамæ райсой 29 æмцæдисон  æмæ  ацы  процессмæ æндæрæн бацæуæн нæй  – уый фæдыл  NATO-ы генералон нымæрдар  Йенс  Столтенберг Канадæйы сахар   Галифаксы   цæугæ  æдасдзинады  æхæнадæмон   конференцийыл   дзырдæй  ралæуды рæстæджы расидтис.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, NATO-ы дуар ног уæнгтæн кæддæридæр гом у.   Столтенберг куыд дзуры  афтæмæй,  уый бæрæг у уырдгæй дæр, æмæ уазал хæсты фæуды фæстæ альянсы уæнгты  нымæц  фæдывæр ис  æмæ ацы  аз NATO—мæ ног уæнг, Монтенегройы баиу ис.

«NATO-ы æххæстаргъджын уæнг цæмæй  суай, уый тыххæй хъуамæ  æмбæлай  стандарттæм.  Гуырдызстон  æмæ Украинæ  фокусиргонд сты  реформæтыл, кæцыты  нысан у хъахъхъæнынады  институтты  фæфидардæр кæнын,  коррупциимæ тох  æмæ  демократийы  фæтыхджындæр. NATO  Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн ацы реформæты фæфидары  хъуыддаджы æххуыс кæны.  Æппынфæстаг та, сæ  альянсмæ фæхоныны   скуыддзаг  хъуамæ  райсой  29 æмцæдисоны.  Ацы скуыддзагы  æмæ  процессмæ  ничи бацæудзæн.  Бæстæйы фидæны къурс сывзарын  йæхæдæг  паддзахады  суверенон бар  у» – расидтис Столтенберг.

Галифаксы  цæугæ æхсæнадæмон конференцийыл   дунейы раз  æдасдзинады  æрдыгæй уæвæг   сидтыты  ныхас кæнынц. Форум 19 ноябры онг аххæссдзæн.