Зимбабвейы цæуы егъаумасштабон протестон акци, Мугабейы 40 азон диктатурæйы кæрон скæныны æркуырдæй
Зимбабвейы цæуы егъаумасштабон протестон акци, Мугабейы 40 азон диктатурæйы кæрон скæныны  æркуырдæй

Зимбабвейы цæрджытæ æмæ   парламентон фылдæртæ, президент  Роберт Мугабемæ  йæхи йæ бынатæй  суæгъд кæнынмæ æрсидтысты.

Бæстæйы æндæр æмæ æндæр сахарты, Мугабейы 40 азон диктатурæйы ныхмæ  егъаумасштабон  протестон акцитæ  цæуынц.

Роберт Мугабе  хъусын кодта,  цæмæй бæстæйы сæргъы   йæ царды кæронмæ уыдаит. Уый цалдæр  мæйы размæ йæ  бынадрæй бавдыста  йæ бинонйагы, кæцы хабар бæстæйы сцырын кодта протестон акцитæ.

Цыппар боны размæ  генералты  скуыддзагæй,  æфсæддæттæ  сахармæ  танкъытæ баскъæрдтой.  Сæрыфыццагæй  ахæлиу ис информаци, цæмæй  Зимбавейы  цæттæ кодта  паддзахадон фæфæлдæхт, фæлæ не сбæлвырд ис.  Афтæдæр  айхъуыст цæмæй  Мугбейы зæгъгæ   æфсæддæттæ йæ хæдзары амынæт скодтой. Дунейы  сеппæтæй  асджын  диктаторы, дзыллæ, фæстаг бонты  дæргъы фыццаг федта.