Евроцæдисы сæхи цæттæ кæнынц а.х. «Брекситы» фæдыл бадзырдты гæнæн фæкъуыхцымæ
Евроцæдисы сæхи  цæттæ кæнынц а.х. «Брекситы»  фæдыл бадзырдты  гæнæн фæкъуыхцымæ

Евроцæдисы сæхи  цæттæ кæнынц а.х. «Брекситы»  фæдыл бадзырдты  гæнæн фæкъуыхцымæ.  Ацы фидиуæны  сарызта Евроцæдисæй  Иугонд паддзахады   фæхицæны  фæдыл   цæугæ бадзырдты  Брюсселы  минæвар,  Мишель Барнье, францаг журналимæ интервьюйы рæстæджы.  Йæ ныхæстæм гæсгæ,   Стыр Британийæн ис 2 къуыри  уый тыххæй цæмæй,  Брюсселимæ  даууаг фарстытыл бадзура.

Мишель Барнье куыд  дзуры  афтæмæй,   сæйраг темæ у  Лондоны  финансон  хæстæ.  Барньейы дзырдæй,  бадзырдты фæкъуыхцы пайдаджын никæмæн уыдзæн,  фæлæ уый  гæнæн  ис зæгъгæ.