Евроинтеграцийы паддзахадон министры аппарат баиу уыдзæн æддагполитикон уагдонимæ
Евроинтеграцийы паддзахадон министры аппарат баиу уыдзæн  æддагполитикон уагдонимæ

Европаг æмæ евроатлантикон  структурæтæм интеграцийы  фарстыты  паддзахадон министры  аппарат баиу уыдзæн фæсарæн хъуыддæгты  министрадимæ.

Фыццаг каналы информацийæ  Гуырдзыстоны  хицауады  план  кæнынц  структурон æмæ кадрон ивдтытæ.

Ацы ивындзинадмæ гæсгæ,  энергетикæйы  министрад экономикæйы  министрадимæ ссиу уыдзæн, æрдзы хъахъхъæды æмæ æрдзон  рексурсыты  министрад та, экономикæйы æмæ хъæууон хæдзарады министрадтыл  адих уыдзæн,  спорты æмæ æрыгонон хъуыддæгты  министрад ивд æрцæудзæн æмæ йæ иу хай ахиздзæн  культурæйы министрадмæ,  иннæ хай та  ахуырады  министрадимæ ссиу уыдзæн.

Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили, хицауады  масштабон  структурон æмæ   кадрон ивдтыты фæдыл фидиуæн сом сараздзæн.

Ацы  рæстæгмæ уæвæг информацийæ,  плангонд у  цалдæр министрады  ссиу кæнын. Сæрмагондæй та 18 министрадæй ма баззайдзæн 13  миинистрад.