«Вест-Хэм» сæйраг тренеры постæй ссæрибаргонд Славен Биличы ивæгы тагъд ссардта – лондонаг кълубы сæргъ слæудзæн Девид Мойес.
«Вест-Хэм» 11 туры фæстæ, Премьер Лигæйы 18 бынат ахсы æмæ 20 кълубы æхсæн, сеппæтæй фылдæр къæм ауагъдта. Кълубы историйы Мойес радæй 16-æм тренер уыдзæн. 2002-2013 азты, Мойес къухдариуæг кодта «Эвертонæн», уый фæстæ та уыд æнæнтыст сезонтæ «Манчестер Юнайтеды» æмæ «Реал Сосьедады».