Гуырдзыстоны сылгоймаг шахматистты  æмбырдгонд хыгъдæй 4:0 басаста Испанийы  æмæ дыккаг бынат ахсы
Гуырдзыстоны сылгоймаг шахматистты æмбырдгонд хыгъдæй 4:0 басаста Испанийы æмæ дыккаг бынат ахсы

Гуырдзыстоны сылгоймаг  шахматисттæ  Европæйы  къордты  æхсæн  чемпионаты  радон   бон   æнтыстджын  хъазт равдыста.  Грекаг  Къретайыл цæугæ    ерысы 6-æм туры,  Гуырдзыстоны æмбырд  йæ иуæй-иу конкуренты  Испанийы, «сур хыгъдæй»  -4:0 басаста  æмæ  12  баллимæ  дыккаг быатмæ ахызт.

Сæ  партитæ рамбылдтой   Нана Дзагнидзе, Нино Бациашвили, Бела Хотенашвили  æмæ Саломе  Мелиа.

Ацы туры,  лидер Уæрæсе хыгъдæй 3:1 рамбылдта   Италийы æмбырдæн,   кæцы уый нысан кæны æмæ  Гуырдзыстоны æмбырды  йæ фæстæ фæуагъдта.   Фæйнæ 10  баллы ис   Польшæ æмæ Туркмæ кæцытæ  æртыккаг бынатыл сты.

8-æм туры   Гуырдзыстоны æмбырд фембæлддзæн  Поольшæимæ,  Уæрæсе та   Туркы æмбырдимæ.

Европæйы къордон чемпионат   кæронмæ æрхæццæ уыдзæн къуырисæры.