Гуырдзыстоны минæвар  Грецийы  хъусын кæны,  цæмæй  бæстæйы ахст  Гуырдзыстоны æмбæстæгты хъуыддæгтыл фактытæ зыгъуыммæгонд сты
Гуырдзыстоны минæвар Грецийы хъусын кæны, цæмæй бæстæйы ахст Гуырдзыстоны æмбæстæгты хъуыддæгтыл фактытæ зыгъуыммæгонд сты

Гуырдзыстоны сæрмагонд æмæ æххæстбарджын   минæвар   Греци æмæ Сербийы Республикæйы Иосеб  Нанобашвили  хæлиу кæны  сидт  æмæ фæстаг периоды  барадхъахъхъæнджыты æрдгæй,  Гуырдзыстоны æмбæстæгты    ахсты фактыты  кой кæны.

Минæвар куыд дзуры афтæмæй,   фæнысангонд ахстыты фæдыл минæварадмæ ис  развæлгъау информаци,   куыд фактыты  зыгъуымæмæкæныны, афтæдæр,  информацийы  ахæлиуы  рдыгæй, мидхъуыддæгты министрады информацион   куысты  рæдыдтыты  фæдыл.

Фидæн къуыримæ  нæм уыдзæн  компетентон хатдзæг,   кæцыйы бындурыл, бауырнæт уæ,   нæ реакци ацы цауы дæр уыдзæн  афойнадон» –  хъусын кæны  минæвар.

Уый банысан кодта, цæмæй  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтимæ баст криминалон   цауты уæвын,  Гуырдзыстон æмæ Грецийы  æхсæн ахастыты  уæвæг сегасæй  сæйрагдæр проблемæ у.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уæлдай  у уууыл дзурын,   цæмй  ацы   проблемæ тынг зианхæссæг у,  куыд нæ бæстæты  æмæ  нæ  нацийы имиджæн, афтæдæр  минæварады  куыстæн.  Ахæм фактытæ  нысаниуæгджынæй куылымпы кæнынц Грецийы  хицауадимæ  нæ бæстæйы  нысаниуæгджын   фарстыл  бадзырдтæн, афтæдæр  Гуырдзыстоны  æмбæстæгты æрдæм  грекаг  дзыллæйы æхсæн цырын кæнынц  иттæг негативон  фон» –    хъусын кæны Иосеб Нанобашвили.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ минæварад æнæаскуынгæ  режимы уадзы  бадзырдтæ  Грецийы  хицауады æмбæлон структурæты бæрзонддæр гæстимæ   ахæм фарстыты фæдыл:  æнæцудгæйæ  хъахъхъæд уой Гуырдзыстоны æмбæстæгты бартæ,  æнæкæсгæ  уыцы  фыдракæнды уæзмæ,   кæцыйы сæ азымджын кæнынц; ма ахæлиу уа  мæнг,  кæнæ æнæбæлвырд  информаци  фыдракæнды  зылынмæ лæвæрд   не æмбæстагы  фæдыл.