Гурам Кашиа – ахæм фыдзæрдæдзинад никуы рахатыдтæн
Гурам Кашиа – ахæм фыдзæрдæдзинад никуы рахатыдтæн

Арнемы «Витессы»  капитан æмæ   Гуырдзыстоны æмбырдгонды  хъахъхæнæг, Гурам Кашиа, голландиаг  интернет рауагъдад  «voetbalprimeur.nl»-æн ратта интервью, кæцыйы рæстæджы  йæхи нæ аиуварс кодта  хъæлæбагонд  темæйæ  лгбт  уæнгты фарсхæцæн  бæттæнмæ гæсгæ.

«Ай тынг уæззау ситуаци уыд. Алы теле-алæвæрды æмæ   газетон публликацийы  сæйраг хъайтар уыдтæн, уырыссаг ВВС-дæр   срухс кодта ацы хабар.  Мæ бæстæйы та  критьикæйы  сæйраг объектæй фестадтæн. Фыдзæрдæдзинад, æфхæрæн ныхæстæ –  ахæм ахат гуырдзиаг адæмы æрдгæй никуы рахатыдтæн. Ныры онг та  мæ  бæстæйы уыдтæн  фаворит  æмæ  мæ алчидæр уарзта, фæлæ  ацы хаары фæстæ, бирæ  цыдæр  бынтон  æндæргъуызон разынд.   Майданы иннæ фарс федтон æмæ  бынтон хъауджыдæргонд уавæры фæдæн.  Бирæ  æфхæрæн ныхæстæ æмæ критикæ мæм цыдис фæлæ  дыууæ хатты фылдæр уыдысты фарсхæцæн фыстæджытæ æмæ уымæй тынг  зæрдæрухс дæн» –  расидтис Гурам Кашиа «voetbalprimeur.nl»-имæ интервьюйы.