Андреа Пирло йæ карьерæйы фæстаг матч ахъазыд
Андреа Пирло йæ карьерæйы фæстаг матч ахъазыд

Легендарон  италиаг  футболист  Андреа Пирло  йæ карьерæйы фæстаг матч ахъазыд.  «Нью-Йорк Ситийы»  38 аздзыд  футболист, фæзмæ  рахызт   90-æм минутыл, «Коламбусы» ныхмæ матчы.  Бирæ раздæр Пирло официалонæй райхъусын кодта цæмæй  цæугæ сезон уымæн  футболы  кареьрæйы уыдаит фæстаг.

«MLS»-ы плейофы  финалы  цыппæрæм хайы, «Нью-Йорк Сити»  фæлхатгæ матч рамбылдта  хыгъдæй 2:0,  фæлæ  дыууæ матчы  æмткæйон хыгъдæй 3:4 фембылд ис  «Коламбусимæ»  æмæ йæ сезон  фæцис.

Андреа Пирло  АИШ-æм  2015 азы  «Ювентусæй»  ахызт, кæцыйы рæнхъыты  хъазыд   4 азы дæргъы, уæдмæ та  Пирло   10 азы арвыста «Миланы».

Легендарон æрдæгхъахъхъæнæг, æхсæз хатты уыд Италийы чемпион, 2006 азы  та æссис  Дунейы чемпион  Италийы æмбырдгондимæ иумæ.

Æмткæй райсгæйæ  уыйй   ахъазыд 872 матчы,  баппæрста 86 къæм æмæ   рамбылдта 18 титулы.