АИШ-ы конгрессы æруынафффæ кодтой, цæмæй Европæйы Уæрæсейы фæуромынæн, рауæлдай кæной 4,6 миллиард доллар
АИШ-ы конгрессы ахицæн кодтой, «Европæйы Уæрæсейы фæуромынæн» 4,6 миллиард доллар рауæлдай кæной. Æмбæлон разыдзинадмæ æрхæццæ сты, АИШ-ы конгрессы дыууæдæр палатæйы гарзджын тыхты комитеты.
Законопроектмæ гæсгæйæ, 2018 азы бюджетæй «Европæйы Уæрæссейы фæуромыны нысанæй» рахицæнгонд суммæйæ, 100 милуан доллар бахардз уыдзæн Балтийы былы паддзахадты хæдиръæфхъом сбæрзонддæр кæныныл.
Ацы документы дзырдæуы, Украинæйæн 500 милуан доллары бæрцæй æххуысы фæдыл, уый нымæцы леталон хæцæнгарзы æрылхæнынæн.
Комитеты афтæдæр сразы сты, цæмæй АИШ-æ æфсæддон бюджетæй Уæрæсейы хъаххъæнынады министрадимæ æмкуыстдзинадæн суммæ нæ рауæлдай кæндзысты. Уымæй уæлдай, АИШ-ы хъахъъхъæнынады уагдонæн тобæгонд у «Касперскийы» продукцийæ пайдакæнынад. Фæнысангонд проекты нырма минæвæртты палатæ, æмæ стæй та йæ сенат хъуамæ сбæлвырд кæна, уый фæстæ къухæвæрдмæ æрвыст æрцæудзæн президентмæ.