Операци æнтыстджынæй фæцис, пыл «Гранд» наркозæй рахызт

Операци æнтыстджынæй фæцис, пыл «Гранд» наркозæй рахызт

Æнтыстджын операцийы фæстæ, пыл «Гранд» наркозæй рахызт. Алкæмæй нысаниуæгджын растдæр пылы наркозæй рахизын уыд, уымæн æмæ пылтæ наркозæй зынæй хизынц.

Операци æнтыстджынæй ацыд æмæ хæфæй дзаг лæппын систой.

Операци æртæ сахатæй фылдæр адаргъ ис.

Операцийæн Тбилисмæ Хуссар Африкайæ зындгонд ветеринар Герхард Стинкамп æмæ анестезиолог Адриан Тордиф æрцыдысты.

Операцийæн, Гуырдзыстонмæ æрцыд Тбилисы зоопаркы ментор «Европайы зоопаркты æмæ аквариумты ассоциацийæ» Марио Хоедрекер.

Ацы этапыл æнæзонгæ у цас рæстæг бахъæудзæн лæппыны систæн, кæцы тæсагдзинад хæссы пыл «Гранды» æнæниздзинадæн. Операцийыл фæсарæйнаг медиктимæ иумæ гуырдзийаг ветеринартæ дæр кусынц.

Пыл Гранд 23 аздзыд у, уый Гуырдзыстонмæ цалдæр азы размæ Ереваны зоопаркæй  æркодтой. Уымæн дыууæ лæппынæн зиан æрхаста. Фыццаг операци, кæцы 11 сахат адаргъ ис, бритайнаг ветеринартæ, 2014 æм азы æнтыстджынæй сарæзтой æмæ Гранды иу лæппын систой.