Дональд Трамп Иерусалим, Израилы сæйраг сахарæй схуыдта

АИШ-ы президент Дональд Трамп Иерусалим израилы сæйраг сахарæй схуыдта. Уый фæдыл Трамп брифингыл расидтис.»Рæстæг у официалонæй схонæм Иерусалим Израилы сæйраг сахарæй. Дыууын азон нæйы зæгъды фæстæ мах не æрбаввахс стæм Израиль æмæ Палестинайы æхсæн даргъæмгъуыдон сабырадон бадзырдмæ» -расидттис Трамп. Иерусалимы, Израилы сæйраг сахарæй схоныню иуæй иу разæвзарæнон ныфслæвæрд уыд . Иерусалимы статус Израиль æмæ Палестинайы æхсæн быцæудзинады сæйраг темæ у. Израиль Иерусалимы сæрмагонд сæйраг сахарæй нымайы, Палестинæгтæ та нымаййынц, цæмæй уый сæ фидæн паддзахды сæйраг сахар у. 1993 азы бадзырдмæ гæсгæ, ацы горæты статус сабырадон бадзырдтæй хъуамæ аскъуыддзаг уа. Пысылмон бæстæты лидертæ Вашингтоны  Иерусалимы Израилы сæйраг сахарæй схуынды фæдыл фæдзæхсынц.