Хъæлæба Тбилисы генералон планы бакасты рæстæджы. Кæрæдзимæ опозици æмæ Тбилисы мэрийы бæрнонтæ фæбыцæу сты. Опоненттæ Каха Каладзе æмæ йæ хицауады бæрнонтæ, комуникацийы æнææхæхстдзинады фæахосджын кодтой æмæ банысан кодтой, цæмæй генералон палн ист у æмæ ацы процесстæ формалондзинад сты. Аххосæгты мэрийы политикон спекуляцитæй хонынц.
Тбилисы зæххæйпайдайы генералон планы райсты фæдыл æскъуыддзæгтыл бæрн горæты хицауад райсдзæн – уый фæдыл сæйраг сахары мэр Каха Къаладзе генералон планы бакасты рæстæджы расидтис.
«Мах, кæй зæгъын æй хъæуы исæм бæрн – генералон план райсдзыстæм æви нæ. Махæн даргърæстæгон перспективайы горæты раст размæцыд у нысанмиуæгджын» – раисдтис Каха Къаладзе.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, сæйраг сахары зæххæй пайдайы генералон планы фæдыл мэрийы фиппаинæгтæ æнæмæнгæй сты хъусбадаринаг.