Зураб Азарашвили - 2023 азæй хроникон низтæн хосгæнæн медикаментты финансдзинад 50 милуан ларийы онг суыдзæн
2023 азæй хроникон низтæн хосгæнæн медикаментты финансдзинад фæдывæр уыдзæн æмæ зæгъæн ис 50 милуан лари суыдзæн, – уый фæдыл фехъусын кодта оккупацигонд территоритæй лигъдæтты, фæлойады, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды министр Зураб Азарашвили «Имедийы» эфиры.
Зураб Азарашвили уыцы бенефиттыл фæныхас кодта, кæцы йæ дзырдæй, алкæцы æмбæстагæн хроникон медикаментты райрæзгæ бюджеты фæлгæтты уыдзæн.
«Абоны бонмæ, хроникон низтæн хосгæнæн медикаменттæ, кæцыты нæ æмбæстæгтæ æнæфидгæйæ исынц афтекты, зæгъæн ис 24 милуан ларийæ сфинанс уыдзæн. 2023 азы январæй, референтон æргътæ, кæнæ та аргъы уæллаг арæн ацы хостыл дæр сфидар уыдзæн . Уымæ гæсгæ дæр уыцы 24 милуанæй, кæцыйæ ацытæккæ цæуы финансдзинад, бирæ фылдæр медикаментмæ æххæссы. Уыимæ ма иннæ азæй, хроникон низтæн хосгæнæн медикаментты бюджет фæдывæр уыдзæн æмæ 50 милуан лари уыдзæн. Уый та нысан кæны, цæмæй ноджы фылдæр æмбæстагæн, фылдæр номхуынды медикамент суыдзæн рæувадат», – райхъусын кодта Азарашвили.
Информаци хъусын кæны æнæнизхъахъхъæды министрад.