Зураб Абашидзе Захаровайæн дзуапп дæтты
Зураб Абашидзе Захаровайæн дзуапп дæтты

 

Зураб Абашидзе Захаровайæн дзуапп дæтты

Уæрæсеимæ æмахастыты фарстаты Гуырдызстоны премьер-министры специалон бæрнон Зураб Абашидзейы расидæнмæ гæсгæ, нæ зонынц чи къухдариуæг кæндзæн Уæрæсейы делегацийæн, Европайы советы министрты кабинеты рабадтыл.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад активонæй кусы алы струкутраимæ æмæ алы фарста æрбиноныг уыдзæн.

Зураб Абашидзейы фидиуæнмæ гæсгæ, Евросоветы Гуырдызстоны сæрдардзинадæй рацæугæйæ, нæ бæстæ хæсджын у алы уыцы æппæтдунеон стандарт сыххæст кæна, кæцы æппæтдунеон организацийы боны фæткъы ис.

 

Мария Захаровайы расидæнмæ та цы хауы, сиды  – цалынмæ Гуырдзыстоны мидполитикон уавæр баст уыдзæн ууыл, æмæ чи ныццæудзæн Уæрæсейæ, – проблемæтæ уыдзæн.

Дискуси уый фæдыл, чи къухдариуæг кæндзæн делегацийæн Евросоветы министрты комитеты фембæлдтыл Тбилисы, провокатортæ сæ уынгæг интерестæ æвдисынц,  – уый фæдыл Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министрады бæрнон Мария Захарова расидтис.

«Суверенон паддзахады ма хъуамæ цæуа ивд æндæр бæстæйы бæрноны ныццыд, кæнæ нæ ныццыдæй. Уый нысан кæны, цæмæй уым кусынц провокатортæ, кæцытæ ацы моментæй, ацы фадатæй, пайда кæнынц», – банысан кодта Захарова.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, Уæрæсе Гуырдызстоны нымайы суверенон бæстæйæ.