Зураб Абашидзе - Уырыссаг фарсæн бацамонин, æндæрты фæзылын кæныны бæсты, хæдкритикæйы цæстæй æркæсæт сырæзт ситуаци
Уырыссаг фарсæн бацамонин, искæй фæазымджын кæныны бæсты, фæлтау хæдкритикæйы цæстæнгасæй æркæса уавæр æмæ сараза къахдзæфтæ, кæцытæм йæм, стыр рæстæджы дæр æнхъæлмæ кæсынц æхсæнадæмон дзыллæ æмæ Гуырдзыстон – фæнысангонд фидиуны Уæрæсеимæ ахастыты фарстыты Гуырдызстоны премьер-министры специалон минæвар Зураб Абашидзе сарызта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæд августы хæсты 10 азы сæры æрбаввахсмæ гæсгæ Мæскуыйы реалонæй фæнды Гуырдзыстоимæ ахастытæ фæхуыздæр кæнын райдайа, уæд æй ничи хъыг дары зæгъгæ.
«Раст дæр уый бацамонин уырыссаг фарсæн, ахуыр стилæй æндæрты фæзылын кæныны бæсты, хæдкритикæйы цæстæй æркæсæт сырæзт ситуаци æмæ авæрæт уыцы каъхдзæфтæ кæцытæм рагæй фæстæмæ æнхъæлмæ йæм кæсы æхсæнадæмон дзыллæ æмæ Гуырдзыстон. Сæрмагондæй та Уæрæсе хъуамæ сæххæст кæна, 2008 азы æхсты фæурæды бадзырдæй йæхимæ цы хæст райста, акæна йе фсад Гуырдзыстоны регионтæй æмæ авæра конкретон къахзæфтæ нæ бæстæйы территориты деоккупацийы æрдæм» – загъта Зураб Абашидзе.
Премьер-министры специалон минæвары аргълæвæрдæй, растдæр æхсæнадæмон барады принциптæ хъахъæнын æмæ Гуырдызстоны суверенитеты æмæ территорион æнæхъндзинадæн цытлæвæрд у уый, цæй руаджы дæр Уæрæсе, æхсæнадæмон дзыллæйæн равдисдзæн Гуырдзыстонимæ ахастыты æххæстаргъджынæй æрбиноныгмæ цæттæдзинад.
Цыдæриддæр та Отхозориа-Татунашвилийы номхыгъдмæ æххæссы, Абашидзейы ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсе, хъыгагæн ницы принципон аргъ не скодта ацы трагикон марындзинæдтæн.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсе йæхи нал аиуварс кæндзæн Абхаз æмæ Цхинвалы регионы адæймаджы барты æрдгæй сырзæт вазыгджын уавæры бæрнон кæй у уымæй, æмæ ацы бæрны, Уæрæсейыл æвæры æхсæнадæмон æмгарад дæр.