Зураб Абашидзе- Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæнимæ сабырæй æрзонгæ уыдзыстæм æмæ дзуапп сом ратдзыстæм
Гуырдзыстоны хицауад премьер-министр, Гиорги Квирикашвиийы дзуаппæн Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæнæн дзуапп æнхъæлцау сом ратдзæн.
Фыццаг Къаналæн Урæсеимæ ахастыты фарстыты преьмер-министры специалон минæвар Зураб Абашидзе куыд фехъусын кодта афтæмæй, алчи, кæмæдæриддæр фæнысангонд фарст æххæссы, æрзонгæ уыдзæн фидиуæнимæ æмæ гуырдзиаг фарсы позици дæр раст уый фæстæ фæбæрæг уыдзæн.
«Нырма исты комментарийы саразын нæ бон нæу, хъæуы рæстæг. Фидиуæнимæ æрзонгæ стæм æнæтыхсгæйæ, тагъд кæнинаг ницы ис. Кæм æххæссы уыдон алчи базонгæ уыдзысты документимæ æмæ нæ позици райсоммæ уыдзæн бæрæг. Нырма исты арг скæнын гæнæн нæй, фидиуæнимæ нрыма цалдæр минуты размæ базонгæ стæм. Хъуы йыл ахъуыды кæнын æмæ цы зæгъын хъавæм уый сом уыдзæн бæрæг. Уыййас тагъд кæнинаг нæу, цæмæй дзуапп виппайды раттæм. Фидиуæнимæ сабырæй, æрзонгæ уыдзыстæм æмæ официалон дзуапп вæццæгæн сом ратдзхыстæм» – расидтисЗУраб Абашидзе.
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрад премьер-министр Гиорги Квирикашвилийы 9 марты фидиуæнæн дзуапп абон ратта. Уæрæсейы æддæга хъуыддæгты уагдоны фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй, Мæскуыйы премьер-министр Гиорги Квирикашвилийы фидиуæнимæ лæмбынæг æрзонгæ сты æмæ райгонддзинад æвдисынц сидты бавдыст ахасты тыххæй.