Зураб Абашидзе – Уæрæсе архайы Лугары лабороторийыл расидæнтæй Мæскуыйы ныхмæ æппæтдунеон æхсæнады хъусдард фæлæмæгъ кæна аххосæгтæй
Зураб Абашидзе – Уæрæсе архайы Лугары лабороторийыл расидæнтæй Мæскуыйы ныхмæ æппæтдунеон æхсæнады хъусдард фæлæмæгъ кæна аххосæгтæй
Лугары лабороторийы фæдыл Уæрæсейы Федерацийы бæрнонты расидæн æппæтдунеон æхсæнады æрдыгæй Уæрæсейы ныхмæ вæрд аххосæгтæй хъусдард фæлæмæгъ кæныны фæлварæн у – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министры специалон бæрнон азербайджванаг «Интерфаксимæ» интервьюйы расидтис.
Зураб Абашидзе интервьюйы рæстæджы банысан кодта, цæмæй Мæскуыйы æрдыгæй ауæрæхгонд информаци нæу реалон.
«Тбилис чысыл горæт у, кæцыйы алчи алы æппæт зоны. Бæлвырд кæнын, цæввитонæй Лугары лабороторийы барæй инфициргонд адæймæгтæ мæлынц æмæ сæ мæрдтæ пакеттæй ласынц у абусрдон информаци» – расидтис Абашидзе.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, лаборотори стыр рæстæджы размæ америкагтæ гуырдзийæгтæн алæвæрдтой æмæ уым гуырдзийаг специалисттæ кусынц. Абашидзе банысан кодта, цæиæй лаборотори æнæхъæнæй Гуырдзыстоны хицауад финансир кæны.