Зураб Абашидзе - мах æрдыгæй расидæн уый фæстæ сырæздзæн, Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министрад официалонæй куы расиддзæн Григорий Карасины ацыды фæдыл
Зураб Абашидзе – мах æрдыгæй расидæн уый фæстæ сырæздзæн, Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министрад официалонæй куы расиддзæн Григорий Карасины ацыды фæдыл
Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты миниcтры хæдивæг Григорий Карасины йæ постæй ацыды фæдыл информаци зонгæ нæу Зураб Абашидзейæн. Уæрæсеимæ æмахастыты фарстаты премьеры специалон бæрнон сиды, цæмæй информаци официалонæй нæу нырма бæлвырдгонд.
Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министры хæдивæг Григорий Карасин йæ постæй цæуы. Уырыссаг дипломатыл 23-æм августы 70 аз сыххæст уыдзæн æмæ Уæрæсейы законмæ “Паддзахадон куысты” гæсгæ, снысангонд пост растдæр ацы рæстæгмæ у йæ бон бацахса.
Уырыссаг медийы информацийæ, æттаг хъуыдтæгты министры хæдивæгы постмæ каст цæуы æртæ кандидатурæ. Сæйраг кандидат та, Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министрады консулон департаменты сæрдар Иван Волынкин у, кæцы 2007-æм азæй Гуырдзыстоны персона-нон грантайæ у нымад.
Волынкин, Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министрады фæсарæйнаг бæрнонады куыста, сæрмагондæй АИШ-ы, Сербийы, Монтенегро, Гуырдзыстон æмæ Македонийы. 2009-2013-æм азты Иван Волинкин Сергей Лавровы æххуысгæнæг уыд, 2013-2018-æм азты та – Сомихы Уæрæсейы минæвар.