Зугдиды зынгсирвæзты фæстиуæгæн æхсæз гектары онг æхсæры æмæ хурмайы плантаци басыгъд
Зугдиды Нацъулукуйы сыхы зынгсирвæзты фæстиуæгæн æхсæз гектры æхсæры æмæ хурмайы плантаци басыгъдис.
Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, арт фæзындис сындзыты, фæлæ фидар дымгæй фæстиуæгæн артдзæстмæ хæстæг уæвæг æхсæры æмæ хурмайы цалдæр гектраыл ахæлиу ис æмæ æнæхъæнæй скуынæг ис.
Зынгсирвæзты ликвидацион куыстытæ уæлвæтк уавæрты куысты зынгвæдисон-ирвæзынгæнджыты дыууæ бригадæ истой хайад.
Цауы бынатыл уыд Зугдиды муниципалитеты мэры хæдивæг Константинэ Къакъава. Йæ ныхæстæм гæсгæ, райсгæ зианы бæрц специалон комисси бахыгъд кæндзæн æмæ зианбавзарæг æмбæстагæн компенсацийы бафидын уый фæстæ райдайдзæн.
Зынгсирвæзт ацы рæсгтæгмæ æнæхъæнæй ликвидацигонд у.