Зноны инциденты тыххæй, сæ куыстæй систой Гиорги Анцъухелидзейы номыл сержантты Академийы къухдариуæгад
Хъахъхъæнынады министрады генералон штабы æмæ хъахъхъæнынады мнистры уынаффæйæ, зноны инциденты тыххæй, сæ куыстæй систой Гиорги Анцъухелидзейы номыл сержантты Академийы къухдариуæгады. Уый фæдыл информацийы хæлиу кæны Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады пресскуыст.
Уагдоны банысан кодтой, цæмæй Академийы территорийыл æдасдзинадыл бæрнон нæу æфсæддон полицийы департамент. Объекты хъахъъæдадыл бæрнон сты сержантты Академийы æмбæлон къухдариуæггæнæг уæнгтæ.
Инциденты тыххæй та, Къоджоры Гиорги Анцъухелидзейы номыл Сержантты Академийы знон Фыццаг августы изæры сахатты, сержантты бацæттæйы академийы, æнæмæнг æфсæддон службæгæнджыты æхсæн быцæудзырд айрæзтис физикъон ныхмæлæудмæ, кæцыйы фæстиуæгæн буары æндæр æмæ æндæр хуызы зиæнттæ райстой фондз æфсæддон, сæ нымæцы æртæ – цыргъагæй. Сæ фондз æфсæддоны дæр æнæаргъæвгæйæ фæхæццæ кодтой рынчындонмæ. Ныр сæ цардмæ тас не ртъхъирæн кæны.
Фæдæвзарæн цæуы Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 117 статийы фыццаг хайæ.