Жозеп Борелл – Гуырдзыстоны хицауады фæнды Евроцæдисы уæнг суæвын, уæд хъуамæ аива райсгæ закъон, аиуварс кæна уыцы проблемæтæ, кæцытæ æвзæрстыты рæстæджы зындысты
Гуырдзыстонæн хъæуы фидар ивæндзинæдтæ, цæмæй нымад æрцæуа Евроцæдисы уæнгдзинады кандидатыл, – уый фæдыл Евроцæдисы æддаг политикæ æмæ æдасдзинады фарстаты уæлдæр минæвар Жозеп Боррелл украинаг публикаци «Европейская правда»-имæ ныхасы рæстæджы расидтис.
«Мах дзырдтам Гуырдзыстоны хицауадæн, цæмæй европæйаг фæндагæй иуварс кæнынц. Кæд сæ фæнды Евроцæдисмæ бацæуын, уæд хъуамæ аивой райсгæ закъон, аиуварс кæной уыцы проблемæтæ, кæцытæ зындысты æвзæрстыты рæстæджы, æмæ фæстæмæ слæууой раст фæндагыл. Уыдонæн хъæуы тыхджын ивæндзинæдтæ, цæмæй уæддæр нымад æрцæуой Евроцæдисы уæнгдзинады кандидатыл», -расидтис Борел.
Борелы ныхæстæм гæсгæ, Украинæимæ хъуыддаг бынтон æндæр у.
«Æз Гуырдзыстон æмæ Украинæйы æхсæн æппындæр ницы æнгæсдзинад уынын. Украинæйы президент æмæ хицауад æххæстæй цымыдис кæнынц Евроцæдисы уæнгдзинадмæ, афтæ дæр украинаг æхсæнадмæ. Дызæрдыггаг нæу, цæмæй уæ бæстæйы фæнды Евроцæдисы уæнг суæвын. Украинæйы Евроцæдисы уæнгдзинад у сеппæтæй тыхджындæр æдасдзинады хæс кæнæ æдасдзинады гаранти, кæцы махæн нæ бон у Украинæйæн раттын. Гуырдзыстоны хъуыддаг æцæгæйдæр æндæрхуызон у», – расидтис интервьюйы Борел.
Евроцæдис домы, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад скусын кæна «бинонты аргъдзинæдтæ æмæ æнахъомты хъахъхъæды» æмæ «æттаг æндæвдады æргомдзинады» фæдыл закъонтæ.